Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны цæрджытæй цыппарæй райстой ног машинæтæ Lada Granta Выпуск 06 августа 2026 года
Цæгат Ирыстоны цæрджытæй цыппарæй райстой ног машинæтæ Lada Granta. Машинæтæ сты сæрмагонд комплектацимæ гæсгæ. Радтой сæ, йæ куысты рæстæг йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн баййæфта, ахæм адæмæн. Машинæтæ конд сты, алы адæймагæн дæр йе нæниздзинады æууæлтæ хынцгæйæ, цæмæй сын се рвылбоны царды уой æнцон пайдагæнæн. Транспорты дæгъæлтæ сын кадджын уавæры радта республикæйы социалон фонды разамонæг Милдзыхты Аслан. Сæрмагонд машинæтæ балхæнынæн ацы аз дихгонд æрцыди 5 милуан сомы. Дæттынц сæ социалон æмæ профессионалон реабилитацийы программæйы фæлгæты. Адæмæн æххуыс сты активон цардыуагмæ раздæхынмæ. Транспорт дæттынæй уæлдай ма Социалон фонд баххæст кæндзæн машинæты лæггæдты хæрдзтæ, артаг æмæ æнæмæнг фæдзæхстады полисы иу хай. Куы бахъæуа, уæд сын  бафиддзысты машинæты бындурон цалцæг дæр. Транспорты эксплуатацийы бæрц у 7 азы.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски