Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны колледжты æмæ æмдзæрæнты 13 бæстыхайы æххæстгонд æрцæудзæн бындурон цалцæг Выпуск 05 августа 2026 года
Федералон проект «Профессионалитет»-мæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны колледжты æмæ æмдзæрæнты 13 бæстыхайы æххæстгонд æрцæудзæн бындурон цалцæг. Ацы хъуыддагæн федералон бюджеты нысангонд æрцыд 1 миллиард сомæй фылдæр. Фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Ацы аз куыстытæ цæуынц 6 объекты. Министры ныхæстæм гæсгæ ма, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ къæпхæнгай уæрæхдæр кæны астæуккаг профессионалон ахуырады системæ. Фæфылдæр сты бюджетон бынæттæ, гом кæнынц ног дæсныйæдтæ, арæзт цæуынц нырыккон ахуырадон кластертæ æмæ фидардæр кæны колледжты æмæ куыстдæттæг организациты хсæн æмгуыстад.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски