Top.Mail.Ru
Национ наукон библиотекæйы уыд æвзæрстытæм цæттæдзинады фæдыл кусæг къорды æмбырд Выпуск 31 июля 2026 года
Национ наукон библиотекæйы уыд æвзæрстытæм цæттæдзинады фæдыл кусæг къорды æмбырд. Стыр æргом аздæхтой æнæнхъæлæджы уавæрты куысты фæткмæ. Кусæг къордæн разамынд дæтты республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æрныхас кодтой терроризмы ныхмæ мадзæлттыл, видеоцæстдарды системæйæ æмæ хъахъхъæнджытæй ифтонгдзинадыл. Муниципалон скондты сæргълæуджытæн бабар кодтой 1-æм сентябры онг бацæттæ кæнын пъадвалты бæстыхæйттæ, цæмæй адæмæн ракетон æмæ æнæпилотон тæссагдзинады уавæрты сæ бон бамбæхсæн уа, уый тыххæй. Бæстон ныхас цыд дæрддзæф районты хъæлæс кæныны фæткыл. Кусæг къорды уæнгтæ ма архайдтой парктикон тренировкæйы. Равдыстой дзы - къамисты уæнгтæ, цæстдарджытæ æмæ æвзарджытæ æнæнхъæлæджы уавæрты сæхи куыд хъуамæ дарой, уый.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски