Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Дыууæ мин сывæллоны райстой Ног азы лæвæрттæ Мæхъиты Зурабæй Выпуск 28 декабря 2022 года
Дыууæ мин сывæллонæй фылдæр, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæй, стæй ма сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты кæстæртæ райстой Ног азы лæвæрттæ Мæхъиты Зурабæй. Адджинæгтæ æмæ арфæйы фыстæджытæ арвыстой республикæйы æппæт районтæм. Лæвæрттæ сывæллæттæм бахæццæ кæныныл бацархайдтой парти "Иугонд Уæрæсе"-йы волонтертæ. Ахæм акци Паддзахадон Думæйы депутат æмæ хæрзаудæн фонд "Фарн"-ы бындурæвæрæг Мæхъиты Зураб скæны алы аз дæр.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски