Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Дзæуджыхъæуы райдыдта IT-технологиты цыппурсы фестиваль Выпуск 22 декабря 2022 года
Дзæуджыхъæуы райдыдта IT-технологиты цыппурсы фестиваль. 200 архайæгæй фылдæрæн арæзт цæудзысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, интеллектуалон хъæзтытæ, тематикон равдыстытæ. Цæгат Ирыстоны колледжты æмæ техникумты студенттæ равдисдзысты сæ зонындзинæдтæ электрон технологиты къабазæй. Мадзалы сæрмагонд уазæг уыдзæн Анна Москалева. Уый у æппæтадæмон эксперт æмæ  WorldSkills-ы компетенцитæ "Графикон дизайн"-ы менеджер. Форум кусдзæн алы бон дæр 23-æм декабры онг.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски